Владимир Путин раарфӕ кодта Гаглойты Аланӕн Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы цытӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 май – Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин арвыста арфӕйы телтӕ Уӕлахизы боны цытӕн Хӕдбар паддзахадты ӕмбалады (ХПӔ) бӕстӕтӕ, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны лидертӕн, хъусын кӕны Кремлы пресс-службӕ.
"Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 79-ӕм афӕдзы боны цытӕн Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин арвыста арфӕйы телтӕ, Азербайджан, Сомих, Белорусси, Казахстан, Киргизи, Таджикистан, Туркменистан, Узбекистан, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны лидертӕн, афтӕ ма Гуырдзыстон ӕмӕ Молдавийы адӕмтӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Владимир Путин йӕ арфӕйы телы фидарӕй загъта, ӕфсымӕрон хӕларад дарддӕр кӕй уыдзӕн бындур ахастыты райрӕзтӕн. Афтӕ ма уӕрӕсейаг лидер бузныг загъта Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветерантӕн.