Цхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаджы бон

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 май - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы ацыд мадзӕлттӕ Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбоны цытӕн.
Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы минӕварттӕ, ХИПУ-йы студенттӕ ӕмӕ лектортӕ, ректор Тедеты Вадимы сӕргълӕудӕй ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ. Уыдон сӕвӕрдтой дидинтӕ Къостайы цыртмӕ Цхинвалы.
Цхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаджы бон
Президенты администрацийы хистӕры фыццаг хӕдивӕг Джиоты Къоста ӕрдзырдта Хетӕгкаты Къостайы лӕггӕдтыл мадӕлон ӕвзаджы раз.
"125 азы размӕ мыхуыр ӕрцыд Къостайы "Ирон фӕндыр" ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ ирон дзырд зӕлы дунейы. Нӕ хӕс ӕмӕ фидӕны фӕлтӕрты хӕс у йӕ бахъахъхъӕнын",- загъта уый.
Мадзалы рӕстӕг ма студенттӕ дӕр радзырдтой поэты царды тыххӕй ӕмӕ бакастысты йе 'мдзӕвгӕтӕ.
Цхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаджы бон