ФÆС сæрдар: "Крокус"-ы теракт координаци кодтой ИГ хæстонтæ афгайнаг-пакистайнаг зонæйæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 май - Sputnik. "Крокус сити холл"-мæ цы террористтæ бабырстой, уыдон архайд координаци кодтой интернеты уылты "Вилаят Хорасан" къорды уæнгтæ (ацы террористон организаци хауы ИГ-мæ), кæцытæ уыдысты афгайнаг-пакистайнаг зонæйы. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) директор Александр Бортников Хæдбар паддзахæдты æмбалады (ХПÆ) æдасдзинады органтæ æмæ сæрмагонд службæты разамонджыты Советы рабадтыл Бишкекы.
"Разысгæрсты рæстæджы, кæцыйы дæргъы нын æххуыс кодтой нæ коллегæтæ Казахстан, Киргизи, Таджикистан æмæ Узбекистанæй, сбæрæг кодтам, цæттæгæнæн архайд, финанскæнынад, террористты бабырст æмæ ацыд координаци кодтой интернеты уылты "Вилаят Хорасан" къорды уæнгтæ афгайнаг-пакистайнаг зонæйæ", - хъусын кæны РИА Новости Бортниковы ныхæстæ.

Украинæйаг фæд

"Крокус"-ы теракты хайад иста Украинæйы æфсæддон разысгæрст, уый фæдыл ныридæгæн гæнæн ис фидарæй дзурын, бахахх кодта Бортников.
"Фæдысгæрст дарддæр цæуы, фæлæ ныридæгæн фидарæй гæнæн ис зæгъын, ацы бабырсты хайад кæй иста Украинæйы æфсæддон разысгæрст", - загъта уый.

Теракты заказчикты нысан

ФÆС сæргълæууæг банымадта теракты заказчикты нысæнттæй иу æрхæссын зиан ХПÆ бæстæты ахастытæн религиозон æмæ националон факторты руаджы.
"Мах зонæм, ацы теракты заказчикты нысæнттæй иу кæй уыд æрхæссын зиан ХПÆ бæстæты ахастытæн религиозон æмæ националон факторты руаджы. Нæ геополитикон ныхмæлæуджытæ нывæндынц фехалын уникалон æхсæнэтникон æмæ æхсæнконфесссионалон баланс, кæцы сæвзæрд нæ адæмты æхсæн дææргъвæтин периоды рæстæджы", - загъта Бортников.