Президент æрсидт рауагъдонтæм, цæмæй аккаг уой Фыдыбæстæ, ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 май - Sputnik. Скъолайы фæуд у иууыл ахсджиагдæр моменттæй иу алкæцы адæймаджы царды дæр, радзырдта рауагъдонтæн Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.
Хуссар Ирыстоны æппæт скъолаты сабаты айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг 500-йæ фылдæр рауагъдонæн. Бæрæгбонон линейкæтæ ацыдысты алкæцы скъолайы дæр, паддзахады сæргълæууæг бабæрæг кодта Къуаисайы скъола, ацы аз уым ис 10 рауагъдоны.
Гаглойты Алан раарфæ кодта рауагъдонтæн
"Курæг уæ дæн, цæмæй кæмфæнды дæр уат аккаг уæ Фыдыбæстæ, ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæн. Нæ Райгуырæн бæстæйы сомбон аразгæ у сымахæй. Уæ номæй арфæ кæнын республикæйы æппæт рауагъдонтæн", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Президент бафтыдта, зæгъгæ, абонæй фæстæмæ фæсивæд слæудзысты царды стыр фæндагыл, æмæ уыдоны раз гом сты алы дуæрттæ.
Паддзахады сæргълæууæг уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта ахуыргæнджытæ æмæ рауагъдонты ныййарджытæн.