Уырыссаг ӕвзаджы бон: Хуссар Иры ссардтой номдзыд поэт Александр Пушкины рухс ном

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны банысан кодтой Уырыссаг ӕвзаджы бон ӕмӕ ссардтой номдзыд уырыссаг поэт Александр Пушкины рухс ном. Мадзал нывонд уыд зындгонд фыссӕджы райгуырӕн боны 225-ӕм афӕдзы бонӕн.
"Абоны бӕрӕгбон иу кӕны махӕн нӕ иумӕйаг уырыссаг ӕвзаг. Ацы бон ӕрӕмных кодтой номдзыд поэт Александр Пушкины райгуырæн бонмæ, уый уацмыстыл мах ахуыр кодтам нæ сабион бонтæй фæстæмæ. Мах æнкъардтам дуне Александр Сергейы фырты дзырдтæ æмæ фæлгонцтæй", - загъта Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.
В Южной Осетии отметили День русского языка
Мадзалы уазджытæ æмæ хайадисджытæн паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Аланы номæй раарфæ кодта бæрæгбоны фæдыл Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Джиоты Константин.
"Абон у æцæгдæр стыр бæрæгбон æппæт уырыссаг дунейæн, уымæн æмæ 225 азы размæ райгуырд номдзыд поэт. Александр Пушкины гæнæн ис схонын уырыссаг поэзийы бындурæвæрæг, уый йæ цард æнæхъæнæй снывонд кодта уырыссаг æвзаджы райрæзтæн", - банысан кодта Джиоты Константин.
Мадзалмæ ма æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, æхсæнад æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ, республикæйы студенттæ æмæ скъоладзаутæ.