Хуссар Иры арӕзтады министрад райдыдта амайын 75-фатерон хӕдзар Цхинвалы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы райдыдтой амайын 75-фатерон хӕдзар Ирӕтты уынгыл, хъусын кӕны республикӕйы арӕзтады министрад.
Бӕстыхай амайынц Цхинвалы цӕрӕнуаты уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн.
Арӕзтадӕн 2023-2025 азты Инвестпрограммӕмӕ хаст ӕрцыдысты 307-ӕй фылдӕр милуан сомы, банысан кодтой министрады.
"Абоны бон объекты ӕххӕст цӕуынц куыстытӕ фундаменты железобетонон рон саразыны фӕдыл", - загътой уагдоны.
Арӕзтады архайынц 27 адӕймаджы ӕмӕ техникӕйы фондз иуӕджы. Министрады куыд бахахх кодтой, афтӕмӕй аразджытӕн нӕй проблемӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕ ласынимӕ.
Хӕдзары арӕзтад нывӕндынц фӕуын 2025 азмӕ, бафтыдтой уагдоны.