Хуссар Иры президент схуыдта медикты нӕ дуджы хъайтартӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады сферӕйы кусы фӕлтӕрд, сӕ куыстыл ӕнувыд бӕрзондквалификацийы специалисттӕ, загъта президент Гаглойты Алан медиктимӕ фембӕлды рӕстӕджы.
Паддзахады разамынды пресс-службӕ куыд хъусын кӕны афтӕмӕй, фембӕлд ацыд Медицинон кусӕджы боны агъоммӕ.
"Бӕрӕгбон у уӕлӕмхас фадат сымахӕн бузныг зӕгъынӕн. Дохтыртӕ, медхотӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады сферӕйы кусджытӕ ӕрвылбон стут нӕ цӕрджыты ӕнӕниздзинад бахъахъхъӕныны уӕлхъус. Бузныг уын, ӕмӕ зӕрдӕрухс ут алкӕддӕр",- загъта президент.
Фембӕлды рӕстӕджытӕджы ма паддзахады разамонӕг радта хорзӕхтӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады сферӕйы чи расгуыхт, уыцы кусджытӕн.
Хуссар Иры хицауад рахицӕн кӕндзӕн фӕрӕзтӕ медиктӕн фиддонтӕн