ЦХИНВАЛ, 18 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ сӕвӕрдтой палаткӕтӕ горӕт Къуайсайы бынӕттон цӕрджытӕн, кӕцытӕ хъыгдард ӕййафынц зӕххӕнкъуыстытӕй, фехъусын кодта уагдоны пресс-службӕ.
Хуссар Ирыстоны фӕстаг бонты дӕргъы ӕрцыд цалдӕр зӕххӕнкъуысты, сӕ эпицентр вӕййы Гуырдзыстоны. Иууыл тынгдӕр зӕххӕнкъуыст банкъардтой Къуайсайы. Горӕты цӕрджытӕм уый фӕдыл ӕрцыдысты хицауады сӕрдар Джуссойты Константин ӕмӕ УУМ разамонӕг Гассеты Ибрагим.
УУМ ӕмӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Капиталон арӕзтады фӕткдаруат"-ы специалисттӕ Къуайсайы администрацийы кусджытимӕ иумӕ басгӕрстой бирӕфатерон хӕдзӕртты уавӕр.
"Горӕты цӕрджытӕ тыхсынц зӕххӕнкъуыстытӕй ӕмӕ бахатыдысты, цӕмӕй сын сӕвӕрӕм рӕстӕгмӕ палаткӕтӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххӕнкъуысты рӕстӕджы уыдон рахизынц ӕдтӕмӕ ӕмӕ сӕ бахъӕуы уым ӕнхъӕлмӕ кӕсын", - банысан кодтой УУМ-ы.
Горӕты уынгтыл палаткӕтӕ ӕвӕрынц Хуссар Ирыстоны УУМ-ы 5-ӕм зынгфӕдисон-ирвӕзынгӕнӕн хайады кусджытӕ.