Цхинвалы зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт хисӕрмагонд хӕдзары

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ ахуыссын кодтой арт хисӕрмагонд хӕдзары фыццаг уӕладзыгыл Цхинвалы Джиоты Аланы проспектыл, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, зынгсирвӕзт ӕрцыд хӕдзары коммерцион агъуысты. Зынгфӕдисонты профессионалон архайды руаджы арт нӕ аххӕссыд хӕдзары дыккаг уӕладзыгмӕ.
"Хуссар Ирыстоны УУМ зынгфӕдисон къордтӕ знон ӕхсӕв аиуварс кодтой зынгсирвӕзт хисӕрмагонд хӕдзары Цхинвалы Джиоты Аланы проспектыл. Арт зиан ӕрхаста фыыццаг уӕладзыгӕн, зынгфӕдисонты профессионалон архайды руаджы дыккаг уӕладзыг нӕ бахъыгдард", - банысан кодтой уагдоны.
Министрады бафтыдтой, цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ кӕй нӕй.
Цхинвалы зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт хисӕрмагонд хӕдзары