Хуссар Иры ацыд фыццаг æхсæнадæмон турнир тыхон экстримæй "Фыдæлты тых"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы ацыд Хуссар Ирыстоны историйы фыццаг æхсæнадæмон турнир тыхон экстримæй "Фыдæлты тых".
Мадзал сорганизаци кодтой фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет æмæ Хуссар Ирыстоны пауэрлифтинг æмæ тыхон экстримы федераци.
Федерацийы президент Æлборты Леван куыд банысан кодта, афтæмæй турниры сæйраг нысан у спорты пропагандæ.
Хуссар Иры ацыд фыццаг æхсæнадæмон турнир тыхон экстримæй "Фыдæлты тых"
"Ерысты нысан у спорты тыхон хуызты пропагандæ. Тыхон экстрим пайда у куыд кæстæр фæлтæрæн, афтæ хистæр кары адæмæн дæр", - загъта федерацийы президент.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, турниры цыппар хуссарирыстойнаг спортсменæй дарддæр хайад райстой Цæгат Ирыстон æмæ Краснодары крайы минæвæрттæ.
Турниры фæстиуджытæм гæсгæ, фыццаг бынат бацахста æмæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланæй 70 мин сомы райста ерысты уæлахиздзау Денис Кашпаров, дыккаг бынат æмæ 50 мин сомы райста Къибизты Марат, æртыккаг бынат æмæ 30 мин сомы – Магомед Башир Мержоев.
Хуссар Иры ацыд фыццаг æхсæнадæмон турнир тыхон экстримæй "Фыдæлты тых"