Уӕрӕсейы минӕвар радта РХИ парламенты спикерӕн арфӕйы телтӕ Матвиенко ӕмӕ Володинӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 июн - Sputnik. Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов радта Хуссар Ирыстоны ӕстӕм ӕрсидты парламенты спикер Мӕргъиты Аланӕн арфӕйы фыстӕджытӕ Паддзахадон Думӕйы сӕргълӕууӕг Вячеслав Володинӕй ӕмӕ Федерацийы советы сӕргълӕууӕг Валентина Матвиенкойӕ, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.
Мӕргъиты Алан загъта бузныг коллегӕтӕм ӕмӕ бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны ӕддагон политикӕйы бындурон концепци кӕй у стратегион ӕмгуыстад Уӕрӕсеимӕ.

"Мах бузныг дзурӕм уӕрӕсейаг парламентаритӕ Валентина Матвиенко ӕмӕ Вячеслав Володинӕн егъау хъусдарды тыххӕй нӕ республикӕмӕ", - загъта спикер.

Мӕргъиты Алан фидарӕй загъта, Паддзахадон Думӕ ӕмӕ Федерацийы Советимӕ бафысгӕ документтӕ фӕлгӕтты кӕй уӕрӕх кӕндзысты хӕларадон бастдзинӕдтӕ.