ЦХИНВАЛ, 2 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) миграцийы фарстыты фӕдыл фӕткдаруаты кусджытӕ сбӕрӕг кодтой миграцион законады цыппар фехӕлды. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.
Нысангонд ӕрцыд, фехӕлдтӕ кӕй сбӕрӕг кодтой нывӕстон басгӕрсты рӕстӕджы.
"Фӕткхалджытӕн снысан кодтой административон ивартӕ республикӕйы фӕллойадон законад фехалыны тыххӕй", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, миграцийы фарстыты фæдыл фæткдаруат йæ цæст дары мигрантты уæвынадмæ республикæйы.