Хуссар Иры парламенты снысан кодтой комитеттæ æмæ къамисты сæргълæуджыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты сфидар кодтой закондæттæг органы структурæ æмæ снысан кодтой комитеттæ æмæ къамисты разамонджыты.
Ног æрсидты парламент дыццæджы æрæмбырд дыккаг хатт. Абоны рабадтмæ ногæй не ‘рбацыдысты "Иугонд Ирыстон"-ы минæвæрттæ.
Законад æмæ бынæттон хæдразамынады комитеты сæргъ слæууыд фыццаг вице-спикер Бесаты Зита;
Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдарæй снысан кодтой Томайты Спартакы;
Дриаты Заза дарддæр уыдзæн æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты комитеты сæргълæууæг;
Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады комитеты сæргъ слæууыд Гæджиты Сослан;
Плиты Александр дарддæр разамынад дæтдзæн социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады комитетæн;
Националон политикæ, культурæ, дин æмæ ДИФ-ты фæдыл комитеты разамонæг ссис Хуыбежты Руслан;
Ахуырад æмæ зонады фæдыл комитеты сæргъ слæууыд вице-спикер Тадтаты Таймураз;
Фæсивæд, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар уыдзæн Табуты Роберт;
Къуезерты Арсены снысан кодтой экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады комитеты разамонæгæй;
Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты комитеты сæрдар дарддæр уыдзæн Сланты Иван;
Депутатон этикæйы фарстыты фæдыл къамисы сæргъ слæууыд Эльдар Ахмедов, парламенты регламент æххæст кæныны фæдыл къамисы разамонæг та уыдзæн Гасситы Александр.
Абоны рабадтыл ма парламенты сфидар кодтой президиум, комитеттæ æмæ къамисты сконд.