Номдзыд цӕгатирыстойнаг спортсментӕ ауадздзысты мастер-класстӕ Хуссар Иры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 июл – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитет фӕнд кӕны ӕрхонын номдзыд спортсменты Цӕгат Ирыстонӕй, цӕмӕй уыдон уадзой мастер-класстӕ республикӕйы ӕвзонг спортсментӕн. Уый тыххӕй фехъусын кодта Sputnik-ы пресс-конференцийы рӕстӕджы уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Гасситы Сослан.
"Хуссар Ирыстоны ацӕудзысты ацы мастер-класстӕ ӕмӕ тренировкӕты рӕвдзытӕ, уый та ахъаз уыдзӕн нӕ спортсменты физикон цӕттӕдзинад ӕмӕ курдиат фӕхуыздӕр кӕнынӕн", - банысан кодта Гасситы Сослан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, комитеты нывӕсты дарддӕр дӕр ис алыхуызон спорты хуызтӕй ерысты организаци.
Хуссар Ирыстонӕн БРИКС-ы хъӕзтыты уыд хорз ӕнтыст – Гасситы Сослан