Хуссарирыстойнаг спортсмен бацахста фыццаг бынат рог атлетикӕйӕ турниры Краснодары

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 июл - Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсмен Джиоты Марат бацахста фыццаг бынат 300 метрмӕ згъорды ӕппӕтуӕрӕсейаг турниры рог атлетикӕйӕ Краснодары, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.
"Джиоты Марат рамбылдта 300 метрмӕ гӕрӕнтимӕ згъорды ӕрыгӕтты ӕхсӕн", - банысан кодтой комитеты.
Ерыстӕ ацыдысты Краснодары 12-14 июлы.
Спортсмены ерыстӕм цӕттӕ кӕнынц тренертӕ Гӕззаты Аслан, Дыгъуызты Алан ӕмӕ Санахъоты Мӕдинӕ.