Хуссар Иры райдыдта микрорайон "Хурзӕрин"-мӕ хиды цалцӕг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 июл – Sputnik, Козаты Диана. Аразджытӕ бавнӕлдтой микрорайон "Хурзӕрин"-мӕ хиды цалцӕгмӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Хуссар Ирыстоны арӕзтады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Цоциты Зауыр.
"Сабаты хицауады сӕрдар Джуссойты Константин ӕмӕ парламенты спикер Мӕргъиты Алан фембӕлдысты микрорайоны цӕрджытимӕ ӕмӕ сын дзырд радтой, хид кӕй сцалцӕг кӕндзысты нӕ фӕндагон службӕты тыхтӕй. Уый фӕстӕ райстӕуыд ӕмбӕлон барлӕвӕрдтӕ ӕмӕ абон аразджытӕ бавнӕлдтой цалцӕггӕнӕн куыстытӕм", - радзырдта Цоциты Зауыр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕзтадон куыстытӕ уагъд цӕудзысты ӕртӕ этапы. Фыццаджы хӕс – акӕнын донвӕд хӕлд фадыгӕй. Дыккаг этапыл аразджытӕ фӕтыхджындӕр кӕндзысты фундамент ӕмӕ цӕджындзтӕ бетонон агъудтӕй, ӕртыккагыл – фӕтыхджындӕр кӕндзысты аннӕ фундаменттӕ.