ЦХИНВАЛ, 19 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ Къуезерты Арсен, Дриаты Заза, Сланты Иван, Гасситы Александр ӕмӕ закондӕттӕг органы раздӕры ӕрсидты спикер Ӕлборты Алан ӕрластой гуманитарон ӕххуыс сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) хайадисӕг ирон хӕстонтӕн, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.
Гуманитарон ӕххуысы радон парти ӕрӕмбырд кӕнынмӕ депутаттӕн баххуыс кодта паддзахады сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан, парламенты ӕвдӕм ӕрсидты депутаттӕ ӕмӕ Националон банчы сӕргълӕууӕг Джиоты Жанна. Хӕстонтӕн гуманитарон ӕххуыс ӕрӕмбырд кодтой Цъунары администраци ӕмӕ цӕрджытӕ дӕр.
"Мах фӕдзурӕм нӕ хӕстонтӕм ӕмӕ нын уыдон фехъусын кӕнынц, иууыл тынгдӕр цӕуыл тыхсынц, уый. Ацы хатт сын балхӕдтам генератортӕ, рацитӕ, ӕфсӕддон дзаумӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр техникон ифтонггарз. СӔО зонӕмӕ ӕрластам нуазыны дон дӕр", - радзырдта Къуезерты Арсен.