Амага Готти — егъау фестивалы жюрийы

Sputnik
Ирон оперон зарæггæнæг Амага Готти хайад райста "Славянский Базар в Витебске", зæгъгæ, ахæм æхсæнадæмон фестивалы. Æмрæстæджы ма дзы цыдис ноджы иу фестиваль – "Радуга над Витебском". Уым Амага Готти уыдис æхсæнадæмон жюрийы сконды. Афтæмæй, Уæрæсейы номæй Цæгат Ирыстон фыццаг хатт бацархайдта ацы конкурсы.
Егъау фестиваль цыдис Беларусы 11-æй 14-æм июльмæ. Уым æрæмбырд сты 42 бæстæйы минæвæрттæ.
Зарæггæнæг Sputnik-æн куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз фестивалы программæ уæлдай дзаджджын рауадис. Цасдæрбæрцæй уымæн, æмæ дзы фыццаг хатт ацыдис концерт "KAVKAZ MUSIC FEST". Сценæмæ рахызтысты Цæгат Ирыстон, Дагестан, Кæсæг-Балхъар æмæ Цæгат Кавказы æндæр регионтæй артисттæ. Амага Готти йæхæдæг зарыд гала-концерты. Сæххæст кодта ари Джакомо Пуччинийы оперæ "Тоска"-йæ.
Ансамбль "Фидӕн" бацахста фыццаг бынат ӕхсӕнадӕмон фестивалы Санкт-Петербурджы