Гаглойты Алан Национ банчы сæрдары бынатмæ раразмæ кодта Бекъойты Сосланы кандидатурæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан парламентмæ бавдыста Бекъойты Сосланы кандидатурæ Национ банчы сæрдары бынатмæ йæ снысан кæныны тыххæй.
Бекъойты Сослан
Паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй парламенты сæрдар Мæргъиты Аланмæ президент арвыста хицæн фыстæг Национ банчы сæрдар Джиоты Жаннæйы йæ бынатæй ссæрибар кæныны хъуыдыимæ.