ЦХИНВАЛ, 31 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайӕн палатӕ (КНП) барвыста Генпрокуратурӕмӕ ӕрмӕджытӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Ирбис"-ы басгӕрсты фӕстиуӕгӕн. Уымӕй дарддӕр ма басгӕрст уагъд цӕуы "Энергоресурс – Хуссар Ирыстоны". Уый тыххӕй дзырд цыд президент Гаглойты Аланы фембӕлдыл КНП сӕргълӕууӕг Плиты Алымбегимӕ.
Плиты Алымбег радзырдта президентӕн, фыццаг кварталы кӕй сӕххӕст кодтой фараст контролон мадзалы, уыдонӕй аст балхынцъ кодтой.
КНП разамонӕг ма бахахх кодта, уагъд кӕй цӕуы паддзахадон ӕртаджы станц "Югосетнефтепродукт"-ы комплексон басгӕрст, афтӕ ма уагдоны нывӕсты ис ауадзын басгӕрст Ленингоры рынчындон ӕмӕ Ленингоры ЦКХ-ы.
Президент банысан кодта басгӕрсттӕ рауӕрӕх кӕныны ахсджиагдзинад.
Контролон-нымайӕн палатӕйы сӕргълӕууӕг Плиты Алымбег ӕмӕ РХИ президент Гаглойты Алан
© Photo : Пресс-служба президента РЮО