Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг радзырдта Гаглойты Аланӕн Никарагуамӕ балцы тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 авг – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан майрӕмбоны фембӕлд республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсаримӕ.
Республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) разамонӕг радзырдта президентӕн, Хуссар Ирыстоны делегаци хайад кӕй райста Сандинистон революцийы 45 азы юбилейӕн нывонд бӕрӕгбонон мадзӕлтты.
"Мах райстой Никарагуайы президент Даниэль Ортега ӕмӕ бӕстӕйы вице-президент Росарио Мурильо. Уымӕй дарддӕр мах фембӕлдыстӕм Никарагуайы ФХМ сӕргълӕууӕг Денис Монкадоимӕ, афтӕ ма президенты уынаффӕгимӕ инвестициты фӕдыл Лауреано Ортега Мурильоимӕ. Никарагуайы фарс ногӕй бахахх кодта, кӕй сӕ цымыдис кӕны республикӕимӕ ӕмгуыстад райтынг кӕнын ӕппӕт къабӕзты", - радзырдта министр.
Джиоты Ӕхсар радта паддзахады сӕргълӕууӕгӕн чысыл лӕвар Никарагуайы президент Даниэль Ортегайӕ.