Цхинвалы ссардтой Ирыстоны Хъайтартæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты рухс нæмттæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицæйы ссардтой 2008 азы августы хæсты рæстæджы фæмардуæвæг Ирыстоны Хъайтартæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты рухс нæмттæ.
Дидинтæ сæвæрыны церемонийы хайад райста Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ, тыхон структурæты разамонджытæ, афтæ ма æхсæнады минæвæрттæ.
Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады разысгарӕн къорды командир Багаты Амиран ӕмӕ йе ‘мкусджытӕ – ӕдӕппӕтӕй фараст адӕймаджы – 2008 азы августы ӕрурӕдтой гуырдзиаг ӕфсӕддонты колоннӕ, кӕцы бырста Цхинвалмӕ ныгуылӕн фарсӕй. Цӕстӕйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, знаджы колоннӕйы уыд 500-йӕ фылдӕр адӕймаджы.
Хуссар Иры ссардтой 2008 азы фæмардуæвæг уæрæсейаг фидауынгæнджыты рухс нæмттæ
Ацы лӕппутӕ сӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодтой – баурӕдтой знаджы. Фӕлӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕт (Пантера) фӕмард сты ацы тохы рӕстӕджы. Уыдоны мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр ӕфсӕддон хорзӕх орден "Уацамонгӕ", - йӕ.
Дӕс азы фӕстӕ ацы бынаты сӕвӕрдтой цыртдзӕвӕн. Хӕрдзтӕ иууылдӕр сӕхимӕ райстой Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты ӕмкусджытӕ, сӕ хиуӕттӕ, ӕмгӕрттӕ ӕмӕ горӕты ӕндӕр цӕрджытӕ.
Хъахъхъӕнынады министрады Кадетон скъолайӕн радтой Хуссар Ирыстоны Хъайтар Багаты Амираны ном, уагдоны рауагъдон къласӕн та радтой Джиоты Азӕмӕты ном.