Хуссар Иры паддзахадон театр хайад райсдзӕн националон театрты V Ӕппӕтуӕрӕсейаг фестивалы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 авг - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театр хайад райсдзӕн националон театрты V Ӕппӕтуӕрӕсейаг фестивалы "Федерация" Грозныйы ӕмӕ бавдисдзӕн спектакль "Сау нымӕт". Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
"Фестиваль цӕуы ӕрвылаз. Ацы хатт мах бавдисдзыстӕм режиссер Джелиты Хъазбеджы спекталь "Сау нымӕт". Равдыст ацӕудзӕн 10 сентябры Грозныйы", - загъта Дзудцаты Тамерлан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, авдбонон фестивалы фӕлгӕтты ма ацӕудзысты сфӕлдыстадон фембӕлдтӕ, мастер-класттӕ, националон театры режиссерты лаборатори, тымбыл фынгтӕ, режиссерон дискусси-баттл, public talks, афтӕ ма семинар националон театрты директортӕн.