Хуссар Иры парламенты депутаттӕ рахиздзысты куыстмӕ 3 сентябры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik. Дыццӕджы, 3 сентябры, Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ сног кӕндзысты сӕ куыст, фехъусын кодтой Sputnik-ӕн закондӕттӕг органы.
Депутатон корпус ацыд каникулты 29-ӕм июлӕй 2-ӕм сентябрмӕ.
Уалдзыгон сессийы фӕстаг рабадтыл депутаттӕ сфидар кодтой йӕ бынаты Национ банчы ног сӕргълӕууӕджы, райстой къорд законы тӕрхондоны системӕйы къабазы ӕмӕ ивындзинӕдтӕ бюджетмӕ, афтӕ ма сын хицауад хыгъдлӕвӕрд радта 2023 азы куысты тыххӕй.