ЦХИНВАЛ, 2 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы, уыцы период регистраци не ‘рцыд фыдракæндтæ, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уагдоны банысан кодтой, æхсæнадон фæтк фехалыны тыххæй Цхинвалы мидхъуыддæгты хайадмæ æрбакодтой дыууæ æмбæстаджы.
"Республикæйы фæндæгтыл ивгъуыд къуыри æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн бахъыгдард иу адæймаг", - дзырдæуы хъусинаджы.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ иу къуыримæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 243 фæткхалды, дыууæ шофыры фæдыл сарæзтæуыд административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй.
Ноджы ма иу шофыр та не сразы медицинон басгӕрст рацӕуыныл, уый дӕр ӕркӕны административон бӕрндзинадмӕ, бафтыдтой министрады.