Гаглойты Алан басгӕрста Зӕронд хиды арӕзтад Цхинвалы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 сен – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан сӕххӕст кодта инспекцион балц Цхинвалы 13 Коммунары уынгмӕ, цы ран ныртӕккӕ цӕуы Зӕронд хиды арӕзтад.
Паддзахады сӕргълӕууӕгимӕ уыдысты республикӕйы арӕзтады министр Цоциты Зауыр ӕмӕ Комавтодоры сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан.
Гаглойты Алан басгӕрста Зӕронд хиды арӕзтад Цхинвалы
Гаглойты Аланӕн радзырдтой арӕзтады темпты тыххӕй ӕмӕ банысан кодтой, ныртӕккӕ объектыл ӕвӕрд кӕй цӕуы асфальт. Уыдон бахахх кодтой, боны кӕронмӕ хидыл кӕй сног кӕндзысты автотранспорты змӕлд.
"Куыстытӕ балхынцъ кӕнынӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕрмӕджытӕ нӕм ис. Хид эксплутацимӕ куы радтам, уӕд дзы куыстытӕ адарддӕр кӕндзыстӕм. Хиды облицовкӕ сӕххӕст кӕндзыстӕм диабазӕй, кӕцы арӕзт цӕуы Хуссар Ирыстоны территорийыл", - банысан кодта Цоциты Зауыр.
Арӕзтады министр бафтыдта, зӕгъгӕ, хидыл нывӕндынц саразын фӕлгӕсӕн фӕзуӕттӕ, кӕцытӕ нӕ уыдысты фыццаджы проекты.
Гаглойты Алан басгӕрста Зӕронд хиды арӕзтад Цхинвалы
Гаглойты Алан райгондӕй баззад арӕзтады темптӕй.
"Тынг ахсджиаг у, арӕзтады кӕй райдыдтам пайда кӕнын нӕхи ӕрмӕджытӕй. Куыд ӕй уынӕм, афтӕ дзы ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ нӕй – хид рауад рӕсугъд ӕмӕ фидар. Мах дарддӕр дӕр размӕ кӕндзыстӕм ӕрзӕткъахӕн къабаз ӕмӕ тагъд рӕстӕджы райдайдзыстӕм ӕрвитын нӕ продукци экспортмӕ", - фехъусын кодта президент.
Цхинвалы Зӕронд хиды арӕзтад цӕуы 2023-2025 азты Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты.