Хуссар Иры фӕкарздӕр кодтой ӕфхӕрд энергетиктӕ уӕй кӕныны тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 сен – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент дыццӕджы сессийыл райста "Ӕнӕалкоголон энергетикон нозты ӕрбаласт, ӕвӕрын, рауагъдад, парахат ӕмӕ реализацийыл тобӕйы фӕдыл" закон ног редакцийы.
Законы ног редакцимӕ гӕсгӕ ныр административон бӕрндзинад хӕсдзысты энергетиктӕ ласын ӕмӕ ӕвӕрыны тыххӕй. Афтӕ ма ног законмӕ гӕсгӕ бӕрндзинад уыдзӕн фӕткхалд дыккаг хатт сӕххӕст кӕныны тыххӕй.
Парламенты вице-спикер Бесаты Зита бахахх кодта, законы проекты сӕйраг нысан кӕй у бахъахъхъӕнын республикӕйы фӕсивӕды ӕнӕниздзинад.