Хуссар Ирыстоны пенсионермæ ссардтой марихуанæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 окт - Sputnik. Цхинвалы 65-аздзыд цæрæджы `рцахстой гæны къутæртæ зайын кæныны æмæ марихуанæйæ пайда кæныны тыххæй, хъусын кæны мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.
Пенсионеры цæрæхадоны ссардтой æртæ гæны къутæры, ноджы дыууæ дзы разынд йæ сарайы. Хæдзары фыццаг уæладзыджы ссардтой, кæй бахусчындæуыд, ахæм къутæр, дыккаг уæладзыджы та – банкæты конд наркотик, фæбæлвырддæр кодтой ведомствойы.
Зайæгойты арвыстой экспертон-криминалистон центрмæ. Уым сбæрæг, алкæцыйы дæр дзы кæй уыд наркотикон буарад "тетрагидроканнабинол".
Наркологон хайады сбæлвырд кодтой, нæлгоймаг марихуанæйæ кæй пайда кодта, уый. Ныртæккæ у ахст.