ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны æрæвнæлдтой Урсдоны фидар биноныгæй иртасынмæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны культурон бынтæ хъахъхъæныны фæдыл комитеты пресс-службæ.
"Нæ нысан у, регионон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы культурон бынты объектæн йæ ас, йæ техникон уавæр æмæ йæ архитектурон хицæндзинæдтæ сбæлвырд кæнын", – дзырдæуы хъусинаджы.
Специалисттæ иртасынц Урсдоны фидар
© Photo : Комитет по охране культурного наследия Северной Осетии
Урсдоны фидар у республикæйы фенддæгты зынгæдæртæй иу. Иртасдзысты йæ Паддзахадон бюджетон куыстуат "Наследие Алании"-йы кусджытæ. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, фортификацион арæзтад хауы нæ эрæйы XI-XII æнустæм, астæуккаг æнусты Аланийы паддзахадон периодмæ. Фæстæдæр æй фестырдæр кодтой æмæ йыл ноджыдæр бакуыстой. Уыдис ын стыр ахадындзинад Уæлладжыры æмæ Куырттаты комы `хсæн фæндагмæ хъус дарыны хъуыддаджы.
Куыдфæстæдæр йе `фсæддон нысаниуæг фесæфта æмæ, бирæ æндæр фидæрттау, цадæггай раууатмæ `рцыди.