РХИ сфидар кодтой Федерацийы Советимæ æмгуыстады фæдыл парламентон къамисы ног сконд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 окт – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент сфидар кодта Уæрæсейы Федерацийы Советимæ æмгуыстады фæдыл парламентон къамисы ног сконд. Скъуыддзаг райстæуыд депутатон корпусы рабадтыл дыццæджы.
Къамисы скондмæ Хуссар Ирыстонæй бахызтысты парламенты æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты комитеты сæрдар Дриаты Заза, социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады комитеты разамонæг Плиты Александр, бюджет æмæ хъалонты комитеты сæргълæууæг Томайты Спартак, экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады комитеты сæргълæууæг Къуезерты Арсен, хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады комитеты разамонæг Гæджиты Сослан, ахуырад æмæ зонады комитеты сæрдар Тадтаты Таймураз, афтæ ма законад æмæ бынæттон хæдразамынады комитеты уæнг Гаглойты Алан.
Хуссар Ирыстон парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Советы æхсæн æмгуыстады фæдыл къамис арæзт æрцыд 2008 азы сентябры.