Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта зынгсирвӕзты рӕстӕджы цы бинонты хӕдзар басыгъд, уыдоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 окт - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабӕрӕг ӕртыццӕджы Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы зынгсирвӕзты рӕстӕджы йӕ хӕдзар кӕмӕн басыгъд, уыцы бинонты.
"Мах ацы хӕдзары цардыстӕм авдӕй. Мах бирӕйӕ кӕй стӕм, уый фӕдыл рӕстӕгыл базыдтам зынгсирвӕзты тыххӕй. Нӕ хъӕуы цӕрджыты ӕххуысы фӕрцы мах аххуысын кодтам арт, фӕлӕ хӕдзар уӕддӕр нал бӕззы цӕрынӕн", - радзырдта хӕдзары хицау Плиты Славик.
Ныртӕккӕ бинонтӕ цӕрынц чысыл хӕдзары, кӕцы бинонтӕн радтой 12 азы размӕ.
"Ацы ӕхсӕв мах арвыстам ӕндӕр хӕдзары. Уый нын паддзахад радта 12 азы размӕ, фӕлӕ уым дӕр нӕй цӕрыны уавӕртӕ. Рухс дӕр дзы руагътам знон", - бафтыдта уый.
Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, цы хӕдзар басыгъд, уый сцалцӕг кӕнынӕн кӕй нал бӕззы.
"Ацы хӕдзар цалцӕг кӕнынӕн, хъыгагӕн нал бӕззы, уый фӕдыл мах баххуыс кӕндзыстӕм сифтонг кӕнын ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дзауматӕй бинонтӕ ӕхсӕв цы хӕдзары арвыстой, уый", - загъта Гаглойты Алан.
Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта зынгсирвӕзты рӕстӕджы цы бинонты хӕдзар басыгъд, уыдоны