ЦХИНВАЛ, 23 окт – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Цӕгат Ирыстоны депутаттӕ райдыдтой кусын рӕстӕгмӕ ӕрбаласты проблемӕ аскъуыддзаг кӕныныл уадзӕн пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны парламенты рабадтыл вице-спикер Бесаты Зита.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны парламенты ныридӕгӕн сарӕзтой ӕмбӕлон кусӕгон къорд ӕмӕ банхъардтой саразын ахӕм къорд Хуссар Ирыстоны закъондӕттӕг органы дӕр.
"Мах хъӕуы бакусын ацы фарстыл ӕмӕ йӕ аскъуыддзаг кӕнын. Ацы проблемӕ ис дӕргъвӕтин период, ӕмӕ нӕ хъӕуы нӕ цӕгатирыстойнаг коллегӕтимӕ бакусын рӕстӕгмӕ ӕрбаласты режим фӕхуымӕтӕгдӕр кӕныныл", - бахахх кодта Бесаты Зита.
Рӕстӕгмӕ ӕрбаласты фарст аскъуыддзаг кӕныны фӕдыл Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны депутатты иумӕйаг кусӕгон къорды арӕзтады хъӕппӕрис сентябры бахаста республикӕйы закъондӕттӕг органы спикер Мӕргъиты Алан.