Цæгат Иры прокуратурæ сбæрæг кодта фехæлдтæ "Спартак" стадионы реконструкцийы рæстæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 окт – Sputnik. Цæгат Иры прокуратурæ сбæрæг кодта закъоны фехæлдтæ республикон стадион "Спартак"-ы реконструкцийы рæстæджы.
Цæстдардон уагдоны пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй 2022 азы ноябры бафыстæуыд паддзахадон контракт стадионы реконструкцийы фæдыл, фæлæ уагъд не ‘рцыдысты конкурсон процедурæтæ. Арæзтадон куыстыты аргъ фыццаг уыд 458 милуан сомы, фæлæ йæ фæстæдæр фæфылдæр кодтой 671 милуан сомы онг.
Уыимæ иумæ нардуатон организаци йæхи тыхтæй нæ фæнд кодта сæххæст кæнын куыстытæ æмæ æвæстиатæй бафыста бадзырдтæ æндæр организацитимæ. Контракт сæххæст кæныны æмгъуыд цалдæр хатт аргъæвтой, куыстытæ та ныры онг дæр нæ фесты.
Прокуратурæ барвыста æрмæджытæ фæдагуырды органмæ, цы ран бакодтой уголовон хъуыддаг. Афтæ ма прокуратурæ бадæтта куырдиат Цæгат Иры Арбитражон тæрхондонмæ, цæмæй контракт æмæ уæлæмхас бадзырдтæ банымайой æнæрастыл.