Хуссар Иры хицауад ивындзинæдтæ бахаста 2024 азы паддзахадон бюджетмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 ноя – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад майрæмбоны рабадтыл бахаста ивындзинæдтæ 2024 азы паддзахадон бюджеты фæдыл закъоны проектмæ.
Ацы фарсты фæдыл докладимæ ралæууыд РХИ финансты министр Тадтаты Дзамболат. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бюджетмæ ивындзинæдтæ хаст цæуынц, цæмæй æххæст æрцæуа Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн социалон-экономикон райрæзты фæдыл бадзырды протокол.
"Протоколмæ гæсгæ хъæуы бакæнын астæуккаг æмвæзадмæ Хуссар Ирыстоны кæцыдæр категориты кусджыты мыздтæ. Афтæ ма хъæуы корректировкæ скæнын фиддонты бæрц бюджеты хицæн статьятæн бюджетон фæрæзты сæйраг уагдарты хъæппæрисæй", - банысан кодта финансты министр.
Тадтаты Дзамболат бафтыдта, зæгъгæ, ног ивындзинæдты фæстæ республикæйы бюджеты хардзон хай уыдзæн 9 миллиард æмæ 558 милуан сомы, бюджеты дефицит та схиздзæн 687 милуан сомы онг.