Путин: Уæрæсе фехста Украинæйы æфсæддон объект ног ракетæйæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 ноя – Sputnik. Уæрæсейаг æфсæдтæ фехстой Днепропетровскы егъау хæцæнгарзон комплекс ног баллистикон ракетæ "Орешник"-æй, фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин.
Президент банысан кодта, ракетæ кæй уыд æнæядерон комплектацийы.

"Америкæйæгтæ æмæ бритайнæгтæ дардмæхсæн хæцæнгарзæй кæй спайда кодтой, уый фæдыл 21 ноябры Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ фехстой Украинæйы хъахъхъæнынадон-сæудæджерадон комплексы объекттæй иу", - загъта Путин йæ раныхасы сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы цауты тыххæй.

Владимир Путин бахахх кодта, ныгуылæйнаг бæстæтæ дардмæхсæн ракетæтæй Курск æмæ Брянскы областтæ куы фехстой, уый фæстæ Украинæйы конфликт райста глобалон характеры элементтæ.
Паддзахады сæргълæууæг ма бахахх кодта, Уæрæсе дарддæр кæй пайда кæндзæн астæуккаг æмæ къаддæр дардады ракетæтæй, кæд æмæ Америкæ æмæ сæ сателлиттæ æхсой ракетæтæй Уæрæсейы территори.