Дзæуджыхъæуæн цæттæ кæнынц ногазон фæлыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik. Ног азмæ Дзæуджыхъæуы ссæдз бынатæй фылдæрæн ратдзысты бæрæгбонон хуыз. Горæты администрацийы пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй иллюминациты æмæ инсталляциты фылдæр хай раздæрыуæттæ сты, фæлæ дзы кæцыдæрты хъæуы бацалцæг кæнын кæнæ баивын.
Сæйраг ногдзинад уыдзæн Миллеры уынджы, филармонийы цур – уым бакæндзысты рухсыты инсталляци. Ахæм конструкцитæй саив кæндзысты Дзæуджыхъæумæ бацæуæнтæ дæр, сæйраг ногазон бæлас та æрвылхаттау сæвæрдзысты Уæлахизы фæзы. Уымæй уæлдай ма ацы аз Дзæуджыхъæуы уынгты цæудзæн бæрæгбонон трамвай.