Бекъойты Сослан: Нацбанчы фыццаг банктонӕйыл уыдзӕн Хетӕгкаты Къостайы хуызист

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Национ банк фӕнд кӕны рауадзын банкнотӕты сери – сӕ номинал уыдзӕн 10, 25, 150, 200 ӕмӕ 500 зӕрины, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Нацбанчы сӕргълӕууӕг Бекъойты Сослан.
"Банкнотӕты рауагъд у Хуссар Ирыстоны популяризаци. Уыдон зӕрдиагӕй фелхӕнынц сӕрмагонд равдыстты, афтӕ ма ис коллекционертӕ дӕр. Адӕймаг нӕ банкнотӕ куы балхӕна, уӕд ӕм чизоны фӕзына хъуыды, цӕмӕй ӕрцӕуа балцы Хуссар Ирыстонмӕ. Афтӕ ма банк ацы проекты реализацийӕ райсдзӕн ӕфтиаг дӕр", - загъта Бекъойты Сослан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Нацбанчы фыццаг банкнотӕ уыдзӕн 100 зӕрины номиналимӕ ӕмӕ йыл уыдзӕн Хетӕгкаты Къостайы хуызист.
"Аннӕ купюрӕтыл та уыдзӕн Ирыстоны ӕндӕр номдзыд архайджыты хуызисттӕ. Мах фӕнд кӕнӕм рауадзын фыццаг банкнотӕ 10-20 мин экземпляры", - фехъусын кодта Бекъойты Сослан.