Бесаты Зита: комитеттӕ сразы сты президентӕй ӕрбавдисгӕ тӕрхонгӕнджыты кандидатурӕтыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Алан Ивахненко. Хуссар Ирыстоны парламенты комитеттӕ хорзыл банымадтой президент Гаглойты Аланӕй ӕрбавдисгӕ Уӕлдӕр тӕрхондоны тӕрхонгӕнджыты кандидатурӕтӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн парламенты вице-спикер, закъонад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитеты сӕрдар Бесаты Зита.
"Дыууӕ кандидатӕй дарддӕр иннӕтӕн ис хорз юридикон фӕлтӕрддзинад. Парламенты комитеттӕ хорзыл банымадтой ӕрбавдисгӕ кандидатурӕтӕ. Уый фӕдыл абон нӕ комитеты рабадтыл рахастам скъуыддзаг, цӕмӕй ацы фарст рахӕссӕм президиум ӕмӕ сессимӕ", - загъта Бесаты Зита.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, тӕрхонгӕнджыты снысан кӕныны фарстмӕ не ‘рксӕдзысты парламенты ӕввахсдӕр сессийыл.
"Ацы къуыри нывӕсты ис Хуссар Ирыстоны парламенты радон сесси. Рабадты рӕстӕджы ӕркӕсдзыстӕм республикӕйы тӕрхондоны органты фӕдыл закъонтӕм ӕмӕ ӕндӕр фарстытӕм. Уӕлдӕр тӕрхондоны тӕрхонгӕнджыты кандидатурӕты фарстмӕ та ӕркӕсдзыстӕм фидӕны сессийыл", - банысан кодта вице-спикер.