Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта 2 милуан сомы бӕрц ногазон мадзӕлттӕн сывӕллӕттӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад ӕртыццӕджы рабадтыл аскъуыддзаг кодта рахицӕн кӕнын финансон фӕрӕзтӕ республикӕйы сывӕллӕттӕ ӕмӕ фӕсивӕдӕн ногазон мадзӕлттӕ ауадзынӕн.
Хуссар Ирыстоны финансты министр бахахх кодта, Цхинвалы Театралон фӕзуаты сӕйраг назбӕласы бӕрӕгбонон бакондӕн рахицӕн кодтой 882 мин сомы бӕрц, сывӕллӕттӕн ралӕуд "Ногазон серпантин" ауадзынӕн та 1 милуан 77 мин сомы.
Хуссар Иры 30 ӕмӕ 31 декабрь уыдзысты улӕфт бонтӕ
Афтӕ ма министрты кабинет рахицӕн кӕндзӕн финансон фӕрӕзтӕ ногазон мадзӕлттӕн республикӕйы районты.
Тадтаты Дзамболаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Дзауы районы администраци горӕт Къуайсаимӕ райсдзӕн 150 мин сомы, Знауыры, Ленингоры ӕмӕ Цхинвалы районты администрацитӕ та фӕйнӕ 100 мин сомы.
Финансон фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕндзысты хицауады фӕсауӕрцон фондӕй.