ЦХИНВАЛ, 24 дек – Sputnik. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады фæдыл парламентон комитеты рабадтыл æрдзырдтой æнæаргъ медицинон æххуысы программæйыл 2025 азмæ.
Плиты Александры къухдариуæгады бын рабадтыл нысагонд æрцыд, программæ закъонмæ гæсгæ бар дæтты æмбæстæгтæн райсын æнæаргъ медицинон æххуыс.
Программæ арæзт æрцыд æмбæстæгты финансон фадæттæ æмæ домæнтæ хынцгæйæ.
Ацы фарстыл дарддæр дзырд цæудзæн парламенты фидæн рабадтыл.