Цæгат Иры тобæ сæвæрдтой криптомайнингыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 дек — Sputnik. Уæрæсейы хицауад тобæ сæвæрдта криптовалютæйы майнингыл бæстæйы фараст регионы, хъусын кæны РИА Новости.
Арæнæвæрдтæ сæ тыхы бахиздзысты 2025 азы 1 январæй æмæ архайдзысты 2031 азы онг.
Цæгат Ирыстонæй дарддæр, криптомайнингæй архайыныл тобæ сæвæрдтой Дагестан, Мæхъæл, Цæцæн, Кæсæг-Балхъар, Хъæрæсе-Черкеси, Луганскы Адæмон Республикæ, Донецкы Адæмон Республикæ, Херсоны æмæ Запорожаг областты. Хъармгæнæн сезоны дæргъы майнингыл рæстæгмæ тобæ сæвæрдзысты æртæ регионы – Буряти, Иркутскы област æмæ Фæсбайкалы край.
Уæрæсейы 2024 азы 1 ноябрæй цифрон валютæ майнинг кæныныл архайыны бар ис куыд юридикон, афтæ физикон гоймæгтæн дæр. Фæлæ ахæм архайды хъæуы электроэнергийы егъау хæрдзтæ.