ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты экономикӕ, чысыл амалиуӕгад ӕмӕ хъӕууон хӕдзарады фӕдыл комитеты ацыд уынаффæйы æмбырд, цы ран депутаттæ æркастысты экономикæ æмæ хъæууон хæдзарады министрæдты развæлгъау нывæстытæм 2025 азмæ.
Рабадты рæстæджы депутатты цымыдис кодта, паддзахад цæмæннæ архайы йæхи продукцийы рауагъдадыл, уыцы фарст, афтæ ма уыдон ракуырдтой хъæууон хæдзарады министрады нывæстытæ ацы проблемæйы фæдыл.
Афтæ ма рабадты рæстæджы æрдзырдтой "Вибромашинæ" æмæ "Хъæды хæдзарад"-ы куыстуæтты проблемæтыл, уыдон сты арендæйы æмæ нæ кусынц.
Комитеты сæргълæууæг Къуезерты Арсен банысан кодта, 2024 азы республикæйы кæй райдыдтой кусын бирæ проекттæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2030 азмæ республикæйæн уыдзæн йæхи фæдарыны фадæттæ.