ЦХИНВАЛ, 23 янв - Sputnik. Милицийы кусджытӕ агурынц Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрӕг сылгоймагӕй ювелирон хӕзнатӕ адавӕг гоймӕгты, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Сылгоймаг радзырдта, хӕзнатӕ йӕ фатерӕй кӕй фесӕфтысты фарон декабры.
"Зианы суммӕ рацыд 250 мин сомы", - банысан кодтой министрады.
Уагдоны бахахх кодтой, милицийы кусджытӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ мадзӕлттӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц фыдгӕнджыты ссарыны фӕдыл.