Хуссар Иры Паддзахадон драмон театр ранӕуӕг кӕндзӕн йӕ репертуар – Джелыты Хъазбег

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры ног аивадон разамонӕг Джелыты Хъазбег радзырдта театры репертуар ранӕуӕг кӕныны нывӕстыты тыххӕй. Sputnik-ы пресс-конференцийы рӕстӕджы Джелыты Хъазбег ӕмӕ театры директор Мамиты Григорий банысан кодтой репертуарон политикӕйы фиппаинӕгтӕ.
"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, театры репертуармӕ хъӕуы бахӕссын ивындзинӕдтӕ. Мах фӕнд кӕнӕм лӕмбынӕг куыст бакӕнын ацы фарстыл ӕмӕ сфидар кӕнын аивадон цехтӕ", - загъта аивадон разамонӕг.
Джелыты Хъазбег бузныг загъта президент ӕмӕ культурӕйы министрӕн ӕууӕнчы тыххӕй. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы бынатмӕ снысан кӕнын уымӕн у стыр кад ӕмӕ бӕрндзинад