Паддзахадон драмон театр сног кӕндзӕн гастрольтӕ Хуссар Иры хъӕутӕм

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театр фӕнд кӕны сног кӕнын гастрольты традици Хуссар Ирыстоны хъӕутӕм, фехъусын кодта Sputnik-ы пресс-конференцийы рӕстӕджы театры директоры хӕстӕ ӕӕххӕстгӕнӕг Мамиты Григорий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, театры феныны фадат хъуамӕ уа ӕрмӕст столицӕйы цӕрджытӕн нӕ, фӕлӕ ма республикӕйы хъӕуты цӕрджытӕн дӕр.
Мамиты Григорий бахахх кодта, театры труппӕ арӕх кӕй нал цӕуы хъӕутӕм, цӕвиттонӕн уый ӕрхаста йӕ райгуырӕн хъӕу Цъунар.

"Цъунары хъӕу у тынг хӕстӕг Цхинвалмӕ, фӕлӕ адӕм нал дӕр хъуыды кӕнынц, фӕстаг хатт кӕд федтой нӕ театры спектакль", - бахахх кодта Мамиты Григорий.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстыл ныридæгæн æрныхас кодтой аивадон разамонæг Джелыты Хъазбегимæ. Уыдон фæнд кæнынц æвдисын хъæуты, сæйраджыдæр, комедион спектаклтæ