ЦХИНВАЛ, 13 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент фидӕн къуыри барвитдзӕн Уӕрӕсейы Паддзахадон Думӕмӕ фыстӕг, цӕмӕй адарддӕр кӕной шофырты бардӕттӕг гӕххӕттытӕ ӕцондӕр режимы баивыны ӕмгъуыд. Уый тыххӕй РХИ парламенты рабадты фехъусын кодта спикер Мӕргъиты Алан.
"Афтӕ ма ӕввахс бонты Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы фӕдзӕхстӕй МХМ делегаци ацӕудзӕн Мӕскуымӕ, цӕмӕй хайад райсой кусӕгон рабадты сӕ коллегтимӕ Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрадӕй. Уым дзырд цӕудзӕн шофырты бардӕттӕг гӕххӕттыты раивыны фарстыл ӕмӕ ӕндӕр техникон аспекттыл", - загъта Мӕргъиты Алан.
Уымӕй дарддӕр Хуссар Иры парламенты депутаттӕ фӕнд кӕнынц банхъарын уӕрӕсейаг коллегӕтӕн, цӕмӕй саразой уӕлвӕтк уавӕртӕ республикӕйы цӕрджытӕн.