Хуссар Иры Паддзахадон драмон театрӕн фӕзындзӕн йӕхи гимн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны театры бон, 27 марты, ацӕудзӕн Паддзахадон драмон театры гимны презентаци. Тексты автор у зындгонд поэт-тӕлмацгӕнӕг Баситы Зӕлинӕ.
Баситы Зӕлинӕ радзырдта Sputnik-ӕн, сӕйраг хъуыды кӕй уыд саразын традицион нӕ, фӕлӕ рогдӕр ӕмӕ нырыккон зарӕг театры тыххӕй.
"Хъӕуы бавӕрын националон колорит, равдисын Хуссар Ирыстоны театралон аивады мидис, фӕлӕ уыимӕ иумӕ саразын гимн актуалон ӕмӕ ӕнцон ӕмбарӕн", - бахахх кодта Баситы Зӕлинӕ.
Поэт-тӕлмацгӕнӕг баныфсӕвӕрдта, театрӕн нывонд ног зарӕг кӕй фӕцӕудзӕн публикӕйы зӕрдӕмӕ. Гимн фыццаг хатт айзӕлдзӕн Хуссар Ирыстоны театры бонӕн нывонд мадзалы рӕстӕджы.