Подмосковьейы æртæ адæймаджы амардысты УГТ дронты атакæйы фæстиуæгæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik. УГТ дронты атакæйы фæстиуæгæн амард компани "Мираторг"-ы кусæг æмæ ноджы дыууæ нæлгоймаджы, уый тыххæй фехъусын кодта Мæскуыйы областы губернатор Андрей Воробьев.

"УГТ æнæпилотон тæхæг аппаратты атакæ æрцыд компани Мираторгы паркæйы цур. Ацы ран амард 38-аздзыд нæлгоймаг, хъахъхъæнæг. Ноджы дыууæ адæймаджы райстой цæфтæ – 50-аздзыд нæлгоймаджы бакодтой Видныйы рынчындоны реанимацион хайадмæ сæры цæфимæ, 44-аздзыд нæлгоймаг та ис Домодедовайы рынчындоны. Хъыгагæн, рынчындоны фæзиан сты дыууæ нæлгоймаг дæр", - ныффыста губернатор йæ телеграм-каналы.

Афтæ ма Котляковойы хъæуы зиан баййæфта 43-аздзыд сылгоймаг, уый ис уæззау увæры. Раменскийы та медицинон æххуысмæ бадзырдтой фондз адæймаджы, фæлæ сæ госпитализаци нæ бахъуыд. Афтæ ма æнæпилотон тæхæг аппаратты хæйтты æрхауынæй фæзынд зынгсирвæзт Домодедовайы парковкæйы æмæ дзы басыгъд 20 хæдтулгæйы бæрц.
Андрей Воробьев бафтыдта, зæгъгæ, фæмардуæвджыты бинонтæн бафиддзысты фæйнæ иу милуан сомы бæрц, фæцæфуæвджытæ та райсдзысты 100-йæ 500 мин сомы онг.
Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады райсомæй фехъусын кодтой, ивгъуыд æхсæвы дæргъы уæлдæфон хъъахъхъæнынады фæрæзтæ кæй скуынæг кодтой 337 украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты.