Гаглойты Алан басгæрста Æнусон арты мемориалы реконструкцийы фæдыл арæзтадон куыстытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан æртыццæджы инспекцион балцы фæлгæтты басгæрста Цхинвалы Æнусон арт æмæ Хъайтарты Аллейы реконструкцийы фæдыл арæзтадон куыстытæ. Падзахады сæргълæууæгимæ уыдысты республикæйы арæзтады министр Цоциты Зауыр æмæ Цхинвалы мэр Гæбæраты Алан.
Гаглойты Аланæн радзырдтой, куыстытæ кæй цæуынц графикмæ гæсгæ æмæ арæзтадон æрмæджыты цухдзинад нæй. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ, иунæг проблемæ у æвзæр боныгъæд.
Президент бахахх кодта, ахсджиаг кæй у куыстытæ рæстæгыл фæуын, цæмæй мемориал цæттæ уа Стыр Уæлахизы 80 азы юбилейы цытæн бæрæгбонон мадзæлттæм.
"Ацы аз мах нысан кæнæм егъау датæ – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 80 азы юбилей. Уый фæдыл мах хъуамæ фæуæм реконструкци 9 маймæ. Махæн нæ хæс у хъуыды кæнын нæ истори", - бахахх кодта Гаглойты Алан.
Цхинвалы мэр Гæбæраты Алан бафтыдта, зæгъгæ, обелискы реконструкцийæ дарддæр фæнд кæнынц хæрзарæзт скæнын монументтæ Хъайтарты Аллейы.
Гаглойты Алан басгæрста Æнусон арты мемориалы реконструкцийы фæдыл арæзтадон куыстытæ