Хуссар Иры УУМ сифтонг кӕндзысты ног сӕрмагонд техникӕйӕ

УУМ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) кусы уӕрӕсейаг профилон уагдонимӕ, цӕмӕй министрад сифтонг кӕной ног сӕрмагонд техникӕйӕ. Уый тыххӕй министр Гассеты Ибрагим радзырдта цыппӕрӕмы президент Гаглойты Аланимӕ фембӕлды рӕстӕджы.
"Сӕрмагонд техникӕйы ӕрбаласт ӕххӕст цӕудзӕн Уӕрӕсейы Федерациимӕ протоколы бафысты фӕлгӕтты. Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм техникӕйы 40 иуӕгмӕ", - загъта Гассеты Ибрагим.
Министр ма радзырдта уагдоны куысты тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, азы райдайӕнӕй министрад кӕй ацыд фӕсидтӕм 323 хатты.
"Ирвӕзынгӕнджытӕ 131 хатты ацыдысты зынгсирвӕзттӕ хуыссын кӕнынмӕ, 19 хатты та – фӕндагон-транспортон цауты фӕстиуджытӕ аиуварс кӕнынмӕ. 112 фӕсидты хаудтой техникон ӕххуысмӕ. 18 хатты уагъд цыдысты инженерон-саперон куыстытӕ, дыууӕ хатты та – ирвӕзынгӕнӕн-агурӕн куыстытӕ", - загъта Гассеты Ибрагим.
Уагдоны сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, зынгсирвӕзтты фӕстиуӕгӕн амардысты дыууӕ адӕймаджы, авариты та бахъыгдард сты авд адӕймаджы. Уымӕй дарддӕр регистраци ӕрцыд газӕй фӕхъӕстӕйы цыппар цауы, заин баййӕфтой 10 адӕймаджы.